Хъырымы хид атакӕ скодта Киевы террористон режим – Хъырымы парламенты сӕргълӕууӕг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Хъырымы хид атакӕ скодта Киевы террористон режим, банысан кодта Хъырымы парламенты сӕргълӕууӕг Владимир Константинов, хъусын кӕны РИА Новости.
"Ӕхсӕвы Киевы террористон режим сӕххӕст кодта ног фыдракӕнд – атакӕ скодта Хъырымы хид", - ныффыста Константинов йӕ телеграм-каналы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Киевы зыдтой, хиды автомобилон хай кӕй у ӕрмӕстдӕр граждайнаг объект.
"Цӕфы фӕстиуӕгӕн ӕфсӕнвӕндагон хай нӕ бахъыгдард, Хъырым баст у Уӕрӕсейы материкон фадыгимӕ территориалон къӕлидорӕй цӕгаты, ис нын фӕлтӕрддзинад быраны бастдзинадӕн дӕр. Изоляцигонд не стӕм", - ныффыста Константинов.
Уый размӕ Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксенов фехъусын кодта, уӕлвӕткон цауы тыххӕй кӕй ӕрурӕдтой фӕндагон змӕлд Хъырымы хидыл. Белгороды губернатор Вячеслав Гладков куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй цауы фӕстиуӕгӕн амардысты регионы дыууӕ цӕрӕджы, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг, сӕ ӕнахъом чызг та райста цӕфтӕ.