Хуссар Иры минӕвар ӕрдзырдта Никарагуайы ФХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгимӕ ӕмгуыстадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Никарагуайы Козаты Нарим ӕрдзырдта Никарагуайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕгимӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстады дарддӕры райрӕзтыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
Фемюӕлд ацыд Козаты Наримы балцы рӕстӕджы Никарагуайы столицӕмӕ Сандинистон революцийы уӕлахизы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм.
"Фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады уавӕр ӕмӕ дардждӕры райрӕзты перспективӕтыл", - банысан кодтой уагдоны.
Минӕвар фембӕӕлды рӕстӕджы раарфӕ кодта Никарагуайы адӕмӕн Сандинистон революцийы уӕлахизы 44-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы, Уӕрӕсейы аналогион скъуыддзагӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр. Уый фӕстӕ республикӕйы суверенитет банымадтой Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.