Хуссар Иры президент дзырд радта Цъинагары зонæйы донхæрæны проблемæ аиуварс кæнын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицæн кæндзæн фондз милуан сомы Тирипоны каналы цалцæгæн, уый фæстиуæгæн Цъинагары зонæ ифтонг уыдзæн донхæрæнæй, фехъусын кодта республикæйы президент Гаглойты Алан Æмдзæрины хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.
Ныры рæстæджы цæуынц каналы цалцæггæнæн куыстытæ, хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, августы райдианы канал скусдзæн.

"Куыстытæ уадзы "Водоканал". Куыстытæ уагъд цæуынц столицæмæ æввахс Мамысонты хъæуы цур æмæ фæуыдзысты июлы кæрæттæм", - загъта Мæргъиты Алан президенты фембæлды рæстæджы цæрджытимæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, Цъинагары зонæмæ дон уадзыны тыххæй бадзырдтой Инциденттæ ма руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) фæлгæтты.