Хуссар Иры президент скритикæ кодта Æмдзæрины сабидоны бæстыхайы уавæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццæджы бацыд Æмдзæрины хъæумæ (Цъинагар). Йæ бацыды фыццаг бынат уыд хъæуы астæу цы сабидон ис, уый – скъолаагъоммæйон уагдон нымад цæуы аварионыл, фæлæ дзы ис 20 сабийæ фылдæр.
Президент скритикæ кодта объект самайджыты куыст.

"Æз нырма ахæм никуы федтон. Цыма йæ Ирыстоны знаг амадта. Æртымбыл кæнут сметон документаци. Базонут, цас фæрæзтæ бахардз ис æмæ цы хъуамæ сарæзтаиккой проектмæ гæсгæ", - загъта президент.

Уый фæстæ Гаглойты Алан сæмбæлд бынæттон цæрджытимæ.