ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Цхинвалы ацӕудзӕн хуссарирыстойнаг командӕ "Спартак"-ы хӕларадон хъазт цӕгатирыстойнаг клуб "Дзӕуджыхъӕу"- имӕ.
"Ӕртыццӕджы, 19 июлы, хуссарирыстойнаг командӕ "Спартак"-ӕн уыдзӕн хӕларадон хъазт цӕгатирыстойнаг клуб "Дзӕуджыхъӕу"- имӕ", - хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, хъазт ацӕудзӕн Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы.