ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Киевы режим 17 июлы æхсæвы нывæндыд атакæ скæнын Хъырымы объекттæ 28 æнæпилотон тæхæг аппараты руаджы, дронтæ иууылдæр скуынæг кодтой уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ, хъусын кæны дыццæджы РИА Новости УФ Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Æхсæвы аиуварс кодтам Киевы режимы террористон атакæ Хъырымы объекттыл 28 æнæпилотон тæхæг аппараты руаджы", - банысан кодтой хъахъхъæнынадон уагдоны.
Министрады банысан кодтой, 17 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты скуынæг кодтой уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ, ноджы 11 дроны та аздæхтой сæ нысæнттæй радиоэлектронон тохы фæрæзтæй.
Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ æмæ фехæлдтæ нæй, бафтыдтой Хъахъхъæнынады министрады.