Ноггуырд сывæллон куыддæриддæр йæ мады гуыбынæй рахизы, афтæ хъуамæ заргæ кæнид, рухс кæй фены, уый тыххæй, фæлæ уый та ног гæдыйы лæппынау "уау-уау" кæнын райдайы. Цæмæй фæзоны, мæгуыр, ног рухсы тынтæ йыл сæхи кæй расæрфынц, уый?
Цæмæй фæзоны, ног рухсы тынтæ кæн фены, уый? Гъе, уæддæр йæ гыццыл нарæг цæстытæ доны разилы. Адæймаг мæлгæ куы фæкæны, уæддæр æй афтæ нæ фембары йæ мæлæт æмæ, мæлгæ-мæлын заргæ чи фæкæны, ахæмтæ дæр вæййы.
Уый низмæ гæсгæ у.
Цы æмбисонд æрхастам нæ разныхасы, уый нæ уымæн хъæуы, æмæ "лæг иу бон гуыргæ кæны, иннæ бон та мæлгæ", афтæ бакæнынц. Адæймаг, цы сахат райгуырдис, уымæн куыд ницы зоны, афтæ цы сахат амæлдзæн, уымæн дæр ницы æмбары, зæгъгæ, фехъусдзынæ бирæтæй.
Бæстондæрæй Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.