ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕрдыгон кампанийы рӕстӕджы 2023 азы баулӕфдзысты 40 мин сывӕллоны. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
"Куыд раздӕр, афтӕ та сӕйраг хъусдард здӕзт уыдзӕн уӕззау царды уавӕры бахауӕг фӕсивӕды улӕфтмӕ, афтӕ ма сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджыты бинонтӕй сывӕллӕттӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма республикӕйы территорийыл сорганизаци кодтой улӕфт сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ ӕрцыдысты Запорожаг областы Черниговскийы районӕй, афтӕ ма Белгороды областӕй, Луганскаг адӕмон республикӕйӕ ӕмӕ Донецкаг адӕмон республикӕйӕ.
"Нӕ хӕс у пайдаджын, цымыдисон ӕмӕ ӕдас улӕфты организаци. Нӕ сывӕллӕттӕн лӕггӕдты гъӕд хъуамӕ уа бӕрзонд ӕмвӕзадыл алкӕцы уагдоны дӕр. Сӕйраг хъусдард хъӕуы аздахын санитарон-эпидемиологон домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмбӕлон уагдӕтты", - банысан кодта Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕргълӕууӕг Дзанайты Борис.