"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 1.1 хай

Sputnik
Лæдзæджы уыгæрдтæ нымайын райдыдта. Иукъорды бæрц дзы куы анымайы, уæд та йæ къах дурыл скъуыры, йæ цæстытæ цæхæр акалынц æмæ та йæ нымайын фæуадзы. Лæдзæджы уыгæрдтæ цæстæй фæивгъуыйынц æмæ та йæ нымад фехæлы...
Ахæм фыдæбæттæгæнгæ схæццæ фиййау, Хуссары фæтæнмæ. Бон дæр йæ куыст кодта. Хуссары фæтæнæн йæ уæлбылтыл хуры тын æрбамбæлд. Цæлыкк хуры тын куы федта, уæд, райсомы хæххон сæууон уазалы фæстæ, хуры хъарммæ ции кæнын байдыдта. Æрмæст ын Хæмæты фæдзæхст йæ зæрдæ фæрæхойы:
"Исты дын куы фесæфа фосæй, уæд-иу ахсæв ардæм цæуынвæнд мауал скæн..."
"Чи зоны æмæ, кæд фылдæр уыгæрдтæ ныккодта, уæд та..." — зæгъгæ, хъуыды кæны йæ зæрдæйы. Цæстытæ атартæ вæййынц фыр тæссæй. Зæрдæ уæлдай схуыстытæ ныккæны æмæ йæ гом зæнгтæ йæ быны базыр-зыр кæнынц.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.