Футболон клуб "Дзæуджыхъæу" фæуæлахиз "Спартак-Цхинвал"-ыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik. Хæларадаон хъазты футболæй "Дзæуджыхъæу" æмæ "Спартак-Цхинвал"-ы æхсæн фæуæлахиз цæгатирыстойнаг командæ.
"Фыццаг тайм фæцис æмдыхæй, фæлæ дыккаг таймы фортуны уыд "Дзæуджыхъæу"-ы фарс, уазæг командæ рамбылдта 0:2 хыгъдæй", - хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Хъазт ацыд Хуссар Ирыстоны столицæйы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы.