Милицийы кусджытæ раргом кодтой Гуфтайы хъæуы цæрæджы сæрмагонд исбоны адавд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Дзауы районы Мидхъуыддæгты хайадмæ бацыд куырдиат Гуфтайы 67-аздзыд зианбаййафæг цæрæгæй, уый радзырдта, йæ хæдзарæй 19 июлы æбæрæг гоймаг кæй адавта электрон хырх æмæ лæгъзгæнæн машинæ.
Цауы бынатмæ рацыдысты милицийы фæдагуырдон-оперативон къордтæ. Барадхъахъхъæныджытæ æрурæдтой зæрдæмæхсайгæйы, уый разынд Гуфтайы хъæуы 25-аздзыд цæрæг, кæцы басаст йæ аххосыл.
Фыдгæнæджы бакодтой рæстæгмæдарæн камерæмæ, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.