Хетæгкаты Къоста æмæ Тыбылты Алыксандры бьюсттæ сæвæрдзысты ХИПУ агъуысты æргомыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июл – Sputnik. Зындгонд амалиуæгдар Гаглойты Леонид Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимы курдиатмæ гæсгæ балæвар кæндзæн уæлдæр ахуыргæнæдонæн Хетæгкаты Къостайы бьюст. Уыцы бьюст у Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг Дзукаты Николайы арæзт.
Скульптурæ сæвæрдзысты ХИПУ сæйраг корпусмæ бахизæны галиуварс.
Цырт сæвæрын нывæсты ис 4 сентябры цытджын линейкæйы рæстæджы ног ахуыры азы райдианы номыл.
Уый фæстæ нывæсты ис сæйраг бахизæны рахизфарс сæвæрын Тыбылты Алыксандры бьюст, уый дæр Дзукаты Николайы арæзт, хъусын кæны ХИПУ пресс-службæ.