Дуары гуыпп фæцыдис æддейы. Бинонтæ фæсабыр сты. Фæсæлтты æргъомимæ гуыбыр-гуыбыр хæдзармæ æрбацыдис Хæмæт.
— Æгас цу, лæппу! Марадз, мæнæ мын ме 'ргъом
æрис. Къæвдайæ здыйы путы хуызæн ныууæззау ис æмæ ма йæ тыххæй-фыдæй æрхæццæ кодтон... Хæмæты ранмæ æрцæуæд йе 'намонд фæкæнæг...
Тему Хæмæты æргъом æриста æмæ йæ фæсдуар æрæвæрдта. Тему æнæдзургæйæ йæхи байста тæрхæгмæ бадынмæ.
— Чындз, марадз, кæд ма нæм суджы къæцæлтæ ис, уæд пецы арт акæн. Бынтондæр ме рагъы дон ацыд. Гъе, гъе, дæ рын бахæрон, афтæ тагъд ауай. Куыд æнцад бадынц, лæппу, ацы сывæллæттæ, дæу куы федтой, уæд?
Нæ кæсыс дæ къæбæлдзыгсæр чызгмæ, цыма дзурын дæр нæ зоны, уый бадт куыд кæны. Уæ, йæ рын бахæрон, кæд уый мæ зæрдæйы ныфс у, уæд.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.