Хуссар Иры ХМ æртымбыл кодта командæ Бесаты Русланы номыл турнирмæ æмбуар хæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады (ХМ) командæ цæттæ кæны СÆО рæстæджы хъæбатырæй фæмардуæвæг Бесаты Русланы номыл æмбуар хæстæй турнирмæ. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.

"Турнир ацæудзæн 19-20 августы Спорты галуан "Олимп"-ы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй спорсменты хайадистæй. Мадзалы организатортæ – Æмбуар хæсты федераци æмæ фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитет", - радзырдтой Хъахъхъæнынады министрады.

Уагдоны бафтыдтой, хайадисджытæ ныридæгæн кæй сты бæрæг, спортсментæ ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг экипировкæйæ. Тренировкæты рæвдзытæ хæстонтимæ ацæудзысты уагдоны Къуаисайы дæлхайады базæйыл.