Хуссар Иры МХМ: фæйнæ æртæ фæткхалды æмæ ФТЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл ивгъуыд къуырийы дæргъы æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ), уыдонæй сæ иуы зиан баййæфта сывæллон, фехъусын кодта къуырисæры республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уымæй дарддæр ма ПАИ кусджытæ иу къуырийы дæргъы рабæрæг кодтой фæндагон змæлды 356 фæткхалды, 23 хæдтулгæйы скъæрæгыл арæзт æрцыдысты административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Афтæ ма МХМ фехъусын кодтой къуырийы криминогенон уавæры тыххæй: барадхъахъхъæнæг органтæ срегистраци кодтой ацы периоды дæргъы æртæ фыдракæнды, уыдон ныридæгæн раргом кодтой. Алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ æрурæдтой фондз адæймаджы, бафтыдтой барадхъахъхъæнæг уагдоны.