Киев бафӕлвӕрдта атакӕ скӕнын Мӕскуы дыууӕ дронӕй – Хъахъхъӕнынады министрад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Украинӕ фӕнд кодта террористон атакӕ скӕнын Мӕскуыйы объекттыл дыууӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратӕй, фехъусын кодтой къуырисӕры Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады.
"Райсом 24 июлы аиуварс ӕрцыд Киевы режимы террористон атакӕ дыууӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратӕй Мӕскуыйы объекттыл. Радиоэлектронон тохы фӕрӕзтӕй скуынӕг кодтой дыууӕ украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты", - загътой уагдоны.
Хъахъхъӕнынады министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.