Депутаттæ Свердловскæй æркæсдзысты Хуссар Ирыстонимæ бадзырды фæдыл закъонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik. Свердловаг парламенты депутаттæ æркæсдзысты Хуссар Ирыстонимæ бадзырды тыххæй закъонмæ, хъусын кæны регионы закъондæттæг органы пресс-службæ.
Свердловаг областы закондæттæг æмбырды рабадты боны фæткмæ хаст æрцыд закъоны проект "Свердловаг област æмæ Хуссар Ирыстоны хицауады ᾿хсæн базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон æмæ гуманитарон æмгуыстадыл бадзырд саразыны тыххæй.

"Закъоны райст ратдзæн фадат саразын бындур дыууæ фарсæн дæр пайдаджын контакттæ рауæрæх кæнынæн Свердловаг област æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн", - дзырдæуы хъусинаджы.