Æртæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты кæрæдзийыл Цхинвалы центры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы æрцыд фæндагон-транспортон цау æртæ автомобилы хайадистæй, уый фæстиуæгæн шофыртæй иу бахаудта рынчындонмæ буары цæфтимæ, хъусын кæны дыццæджы республикæйы УУМ пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, авари кæй æрцыд Сталины уынгыл Мидхъуыддæгты хайады бæтыхайы цур.

"Кæрæдзийыл сæмбæлдысты æртæ хæдтулгæйы. Машинæтæй иуы шофыры баластой РБМЦ-мæ алыхуызон цæфтимæ", - банысан кодтой уагдоны.

Министрады бафтыдтой, зианбаййафæджы цардæн тæссаг ницæмæй у, аварийы бынаты кусынц УУМ ирвæзынгæнджытæ.