"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 1.5 хай

Sputnik
— Æвзæр адæмтæ алкæм дæр ис. Уымæй раст зæгъыс, зæронд лæг! Фæлæ Тыппыры хъæуы кæмæ уыдтæ æххуырсты?
— Чи ма сæ хъуыды кæны, дæ рын бахæрон, цытæ
хуыйнынц, уый. Мах-иу кæд исты бакусиккам, уый мæт нæ уыдис, уыййедтæмæ сегасы нæмттæ кæй зæрдыл лæууынц. Уый тыххæй дын иу æмбисонд æрхæсдзынæн...
— Баба та йе 'мбисæидтæм бахæццæ ис гъеныр, –сдзырдта Цæлыкк.
Ахæм хъыг уыдис Хæмæтæн, уазæджы раз æм кæй
сдзырдта, уый, æмæ йыл æваст фæхъæр кодта:
—Тагъд ацу ардыгæй, къæбæда! Марадз, дæ фыдмæ ныууай!
— Кæдæм, баба?
— Дæлæ бынæй скъæтырдыгæй кæд ис.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.