Джиоты Ӕхсар: ныфс мӕ ис, Абхазимӕ ӕмгуыстад дарддӕр кӕй райтынг уыдзӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн пайдаджын ӕмгуыстад дарддӕр райтынг уыдзӕн дыууӕ ӕфсымӕрон адӕмы интересты, фехъусын кодта РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар йӕ арфӕйы абхазаг коллегӕ Инал Ардзинбайӕн, кӕцы ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон.
"Ныфс мӕ ис Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Республикӕ Абхазы ӕхсӕн пайдаджын ӕмгуыстад дарддӕр кӕй райтынг уыдзӕн нӕ ӕфсымӕрон адӕмы интересты, Кавказы сабырдзинад, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады сӕраппонд", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ ФХМ пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг бӕрзонд саргъ кодта йӕ коллегӕйы профессионализм ӕмӕ адӕймагон миниуджытӕн.