Цхинвалы уагъд цæуы турнир мини-футболæй хъахъхъæнынады министры кубокыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады ацыдысты æрдæгфиналон хъæзтытæ мини-футболæй турниры фæлгæтты хъахъхъæнынады министры кубокыл, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Турнир уадзы хæстон цæттæкæнынады дæлхайад республикæйы Хъахъхъæнынады министрады физикон цæттæдзинад æмæ спортивон-массон куысты мадзæлтты нывæстмæ гæсгæ. Турниры хайад райстой 10 командæйы.
"Тохты фæстиуджытæм гæсгæ финалмæ ахызт сæрмагонд нысаниуæджы батальоны фыццаг командæ æмæ æхсыны бригадæйы командæ. Æртыккаг бынатыл стох кæндзысты сæрмагонд нысаниуæджы батальоны дыккаг командæ æмæ фæткдаруаты офицерты командæ", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, мини-футболæй турниры финалон хъæзтытæ ацæудзысты æртыццæджы, 26 июлы.