Уæрæсейаг юрист Маргарита Исаакова ахуыр кæны ирон æвзаг æмæ æрцыд Хуссар Ирмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсар сæмбæлд юрист Маргарита Исааковаимæ, кæцы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æрзонгæ кæныны тыххæй балцимæ.

"Исаакова радзырдта азы дæргъы кæй æрцæуы, цæмæй дзургæ ирон æвзаг практикæ кæна, ахуыр кæнын æй райдыдта Цæгат Ирыстонмæ балцы рæстæджы, Нарты эпос æмæ Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ куы бакастис, уый фæстæ", - банысан кодтой хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæйы.

Куыд банысан кодта Джиоты Æхсар, афтæмæй Ирыстоны алыхатт стыр цинимæ сæмбæлынц уазджытыл æмæ бузныджы ныхас загъта Исааковайæн ирон адæмы истори æмæ культурæмæ цымыдисдзинады тыххæй.