Уæрæсейы УУМ Æппæтуæрæсейаг рæвдзыты хайадисджытæ фервæзын кодтой туристы Цъæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik.Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) ирвæзынгæнджытæ æрцыдысты æххуысмæ Цъæйы фыдбылызы бахауæг туристмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ.
Нæлгоймагæн фæцæф ис йæ къах, йæ цуры та цыдысты рæвдзыты хайадисджыты ахуыртæ.
Бынатмæ æрцæугæйæ ирвæзынгæнджытæ рабæрæг кодтой, цау кæй æрцыд дуры тыххæй – цъити тайы æмæ уый фæстиуæгæн дуртæ феуæгъд вæййынц æмæ рахауынц уырдыгмæ.
Туристæн самал кодтой фыццаг æххуыс æмæ йæ сынтыл æрхастой тагъд æххуысы хæдтулгæмæ.