Уырысы аргъуыды бон нысан кæнынц æрвылаз дæр 28 июлы, æрфидар æй кодтой 2010 азы 31 майы. Ацы бæрæгбоны нысаниуæг æмæ дины бынаты тыххæй паддзады райрæзты радзырдта фыд Иков.
Паддзах Владимир уыд зæнджын æмæ тыхджын адæймаг, уыд йын фидар бастдзинæдтæ Византийы имепириимæ. Уый уыдта, куыд тынг ахъаз у чырыстон дин бæстæйы райрæзтæн, æмæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, райста цæвиттон, банысан кодта динамонæг.
"Историмæ гæсгæ, дин райсыны рæстæг куы æрлæууыд, уæд Паддзах Владимир æрæмбырд кодта Уырысы уæды динты алкæцы минæвары дæр æмæ сæ алкæмæ дæр байхъуыста. Æрмæст уый фæстæ Владимир аскъуыддзаг кота райсын чырыстон дин", - фехъусын кодта фыд Иаков.
Бæстондæрæй Уырысы аргъуыд, чырыстон дины истори æмæ райрæзты тыххæй байхъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны æрмæджы.