Цхинвалы сабидӕттӕ августы кӕронӕй сӕхгӕндзысты санитарон куыстыты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фондз боны ӕмгъуыдмӕ августы кӕронӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы сабидӕттӕ сӕхгӕндзысты санитарон куыстыты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн горӕты администрацийы ахуырады хайады хистӕр Биазырты Татьяна.
"29 августӕй дыккӕгӕм сентябрмӕ ӕрлӕууын кӕндзыстӕм ӕппӕт сабидӕтты куыст, цӕмӕй уагдӕтты хатӕнтӕ санитарон ӕгъдауӕй сыгъдӕг ӕрцӕуой. Ацы бонтӕй дыууӕ хауы улӕфт бонтӕм, фӕлӕ аннӕ ӕмгъуыд ныййарджыты бахъӕудзӕн сӕхи ракурын куыстытӕй, цӕмӕй сӕ зӕнӕгмӕ кӕсой", - загъта Биазырты Татьяна.
Уый ма бафиппайдта, ныридӕгӕн кӕй ӕрӕвнӕлдтой Цхинвалы ӕппӕт ахуырадон уагдӕтты цӕттӕ кӕнынмӕ ног ахуырадон азмӕ.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ахуырады хайады дӕлбар ис 19 сабидоны ӕмӕ фараст скъолайы.