"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.2 хай

Sputnik
— Ау, æмæ йын куы дæттын.
— Ноджыдæр, ноджы.
— О, уымæй мæ фарста: "Кусджытæ уыцы æвзист кæд сæхуыдтæг къахынц, уæд æм хохмæ франц уынаффæ кæнынмæ цæмæн цæуынц, зæгъгæ? Уый, дам, диссаг нæу? Æз афтæ зæгъын, æмæ уый диссаг нæу.
— Цæмæ гæсгæ нæу диссаг? — сдзырдта лæппу,
Мырзахъы ныхæстæй куы фæныфсджындæр ис, уæд.
— Мæ фыд ссæдз азы фыййау фæцыдис адæмæн — фосджынтæн, фæлæ фысы фæлмæн цыхтæй дзыкка, ивæзгæ сойджын дзыкка никуы бахордта, нард уæрыччы къæдзилыл кард пикуы æруагъта, афтæмæй фосы та йæхæдæг хаста, йæхæдæг сæм зылдис.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.