ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хъусын кӕнынц уӕлӕмхас райсты тыххӕй боны ӕмӕ фӕсаууонмӕ хайадтӕм, хъусын кӕны ахуырадон уагдоны пресс-службӕ.
Гӕххӕттытӕ ист цӕудзысты 20 августмӕ.
"Боны хайады ХИПУ ӕнхъары фараст хаххыл ахуыр, сӕ нымӕцы "Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕ", "Уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕ", "Англисаг ӕвзаг немыцаг ӕвзаджы уӕлӕмхас специальностимӕ", "Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕ" ӕмӕ ӕндӕртӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Сӕ хъусинагӕй ма бӕрӕг у, уӕлдӕр ахуыргӕнӕн уагдон кӕй ӕнхъары фӕссауонмӕ ахуырад дӕр, ахуыры ацы формӕ ӕвдыст у 16 хаххӕй, уыдонӕй дӕс сты коммерцион.