Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы оперативон уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik. Ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл регистрацигонд æрцыдысты цыппар фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ.
Банысангонд æрцыд, æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ кæй æрурæдтой 11 адæймаджы.

"Республикæйы фæндæгты ацæугæ къуыри регистрацигонд æрцыдысты æртæ ФТЦ. Авариты зиан баййæфтой дыууæ адæймаджы. Ӕдасдзинадмæ хъусдарды рæстæджы ПАИ кусджытæ рабæрæг кодтой фӕндагон змӕлды 360 фӕктхалды", - бафтыдтой уагдоны.

Уымæй дарддæр 27 шофыры ныхмæ арæзт æрцыдысты административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.