Цхинвалы æрныхас кодтой ФХМ æххæстбарджын минæвары куыстыл Европæйы ирон диаспорæтимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсар къуырисæры райста Бенилюксы паддзахадты хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны минæвар Пухаты Радионы.

"Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Европæйы ирон диаспорæтимæ куыстыл минæвары архайды иуæй-иу аспекттыл", - банысангонд æрцыд ФХМ пресс-службæйы хъусинаджы.

Министрады бахахх кодтой, Джиоты Æхсар æмæ Пухаты Радион уæлдай хъусдард кæй аздæхтой культурон-ахуырадон проектты дарддæры реализацимæ.