ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ ссардтой Цхинвалы дуканитæй иуы сæдæйæ фылдæр тобæгонд вейпы, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Тобæгонд продукци ссардтой барадхъахъхъæнæг органтæ рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы.
"Дуканийы хицауы ныхмæ арæзт æрцыд æрмæг административон фæткхалды тыххæй. Басгæрсты фæстæ æртымбылгонд æрмæг барвитдзысты Цхинвалы горæттаг тæрхондонмæ", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Министрады зæрдыл бадардтой, РХИ закъон "Никотины электронон системæты баласт, арæзт, парахат æмæ реализацийыл тобæйы фæдыл" архайы 2021 азы августæй фæстæмæ. Фæткхалджыты ивар кæндзысты продукцийы конфискациимæ, бахахх кодтой МХМ.