"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.5 хай

Sputnik
"Уаргæ куы нæ æркæнид уæддæр, кæннод... Мæй куыд æрбахгæдтой уыцы сау асæстытæ... Уыцы цырагъы рухс дæр куыд æрбатар æвиппайды. Эх! Цæй мæгуыр у фæндаггон! Тæхуды иыр нæхимæ фест, уæд бабайы фарсæй кæсгæ дæр иикуыдæмуал ракæнин. Муртуз та цæуыл фыдæбон кæны?"— зæгъгæ, йæ фарсмæ дæр æркæстытæ кæны.
Цыдæр уынæр йæ хъустыл ауади. Æваст фæлæууыдис йæ мидбынаты.
"Гъа-гъа, бæхты къæхты хъæр. Темуйы чи акодта, кæд уыдон æрбаздæхыиц фæстæмæ, уæд мæ ахсдзысты. Кæд абырджытæ сты, уæд та ноджы фыддæр... Хъуамæ хорласджытæ дæр уой… Хæйрæджытæ, цымæ, бæхтыл дæр фæбадынц?" – фæрстытæ кæны йæхи Цæлыкк.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.