Хуссар Иры æрцахстой сылгоймаджы гæн зайын кæнын тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы 33-аздзыд цæрæг сылгоймаджы, кæцымæ зæрдæ æхсайдта наркотикон буарардимæ зайæгойты зайын кæнынмæ.
Нысангонд æрцыд, сылгоймаджы хисæрмагонд хæдзары агъуыстыл барадхъахъхъæнджытæ кæй ссардтой гæны 24 къутæры. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, уый зайын кодта гæн йæхицæн.
"Къутæртæ арвыстой МХМ экспертон-криминалистон центрмæ. Химикон басгæрсты фæстиуæг сбæлвырд кодта, зайæгой кæй у наркотикон буарад гæн æмæ се сконды ис тетрагидроканнабинол. Сылгоймаджы арвыстой медицинон басгæрстмæ, кæцы сбæрæг кодта, гæнæй кæй пайда кодта, уый", - загътой уагдоны.
Хуссар Иры æрцахстой сылгоймаджы гæн зайын кæнын тыххæй