Хуссар Иры сывæллæтты сæрдыгон лагерь уыдзæн милицийы уæлдай цæстдарды бын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан радта барамынд уæлдай цæстдард аздахын сывæллæтты æдасдзинадмæ сæрдыгон лагерты, хъусын кæны уагдонады пресс-службæ.
Æдасдзинады фарстатыл æрныхас кодтой министрады оперативон æмбырды. Афтæ ма Гуыцмæзты Алан радта хæслæвæрд горæттаг æмæ районы мидхъуыддæгты фæткдаруæтты æхсæнадон бынæтты барадхъахъхæнынад ифтонг кæнын милицийы къордты тыхтæй, кæцытæ æрвылсуткæйон режимы кусдзысты алыхуызон фæткхæлдтыл.
Афтæ ма мидхъуыддæгты министр банысан кодта, кæцыдæр службæтæ кæй не ᾿ххæст кæнынц фæндагон куыстыты рæстæджы æдасдзинад бахъхъахъхъæныны домæнтæ. Министр бахахх кодта, æдасдзинады фарстатæ хъуамæ æххæстгонд цæуой техникон регламентмæ гæсгæ, цæмæй фæндагон змæлды хайадисджытæ æмæ кусджытæн сæ æдасдзинад уа хъахъхъæндгонд.