"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.6 хай

Sputnik
— Махæн дæр баба бирæ таурæгътæ фæкæны, —
сабыргай сдзырдта Цæлыкк.
— Чи у, чи, дæ баба, дæ рын бахæрон?
— Уый уæртæ Биботы Темуйы фырт у, Тъæпæнхъæуккаг. Мæ хæлары фырт, æндæр фæндагыл лæппутæй фылдæр цы цæуы... Уазæгæн хорз адæм сты уыдон.
— Зонын, зонын. Сæ кой сын рагæй хъусын. Гъе,
раст æз дæр, гъе уый ас лæппу уыдтæн, афтæмæй-иу ныхасы мæ фыд таурæгътæ кодта. Махæн та уыдонмæ хъусынæй æхсызгондæр цы уыдис. Тамакойы мур дæм цы уыдзæнис, уазæг, бахатыр кæн.
— Ис, ис. Уыйас дæр ма дæ хъæуæд...— систа Мырзахъ тамакойы тыхтон æмæ йæ дæтты зæронд лæгмæ.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.