Гасситы Знауыр хайад райста конференци "Клуб друзей в Росии"-йы Хъырымы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik. Æхсæнадæмон сывæллæтты центр "Артек"-ы къухдариуæггæнджыты хуындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр райста хайад конференци "Клуб друзей России"-йы. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ Уæрæсейы.
""Артек" абоны бон у ахсджиагдæр поликультурон рухстауæгон фæзуат сывæллæттæн дунейы алы бæстæтæй. Йæ æхсæнадæмон статусы приоритет у æхсæнадæмон сывæллæтты дипломатион æхсæнады райрæзты бындур – сабырдзинад, хæларад æмæ æмгуыстады идеалтæ парахатгæнæг механизм", - бахахх кодта хуссарирыстойнаг мисиийы сæргълæууæг.
Минæвар уæлдай бузныг фæцис мадзалы иууыл активонæйдæр хайад кæй райстой сывæллæтты курдиатджын коллектив Хуссар Ирыстонæй – кафт æмæ зарды хореографион ансамбль "Кафт". Уыдон бахъæлдзæг кодтой се ᾿мгæрттæ æмæ хистæр кары адæмы ирд æмæ хæдбындур равдыстытæй.