"Хæларады кафт". Хуссар Ир æмæ Абхазы паддзахадон ансамблтæ ралæудзысты Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik. Цхинвалы ацæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон ансамблты концерт дыууæ республикæйы хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй банымайыны боны хæдразмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-службæ.
"Хæларад æмæ иухуызон хъысмæтимæ адæмы иудзинады бæрæгбон – куыд бузныг Уæрæсейæн йæ ахсджиаг скъуыддзаджы тыххæй, кæцы райстæуыд 15 азы размæ, 2008 азы 26 августы", - банысан кодтой Культурæйы министрады.
Концерт "Хæларады кафт" ацæудзæн 24 августы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценæйыл. Кæсджытæн фадат уыдзæн бакæсын концертмæ комкоммæ эфиры ПТРК "ИР"-ы æмæ стыр экраныл столицæйы Театралон фæзуатыл.