Зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт Хуссар Иры Цхинвалы районы хисæрмагонд хæдзары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik. Зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт хисæрмагонд хъæдын хæдзары Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Залдайы хъæуы, фехъусын кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уагдоны радгæсон хайадмæ куырдиат æрбацыд цыппæрæмы райсом раджы, цауы бынатмæ ацыдысты дыууæ зынгфæдисон къорды, кæцытæ ахуыссын кодтой арт.
"Развæлгъау аххосаг – хæдзары агъуысты электрохызæгты цыбыр аныдзæвд", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, бафтыдта министрады минæвар.
Зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт Хуссар Иры Цхинвалы районы хисæрмагонд хæдзары