ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырд ӕмӕ Цъинагары мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ссардтой Орчъосаны хъӕуы кӕроны хъӕддаг гӕны 25 къутӕры.
Республикӕйы МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй гӕны къутӕртӕ арвыстой басгӕрстмӕ МХМ экспертон-криминалистон центрмӕ.
Министрады банысан кодтой, цауы фӕдыл басгӕрст кӕй уадзы Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад.