Хуссар Иры ссардтой 2008 азы фæмардуæвæг сабыр цæрджыты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ссардтой 2008 азы августы фæмардуæвæг сабыр цæрджыты рухс нæмттæ.
Мысæн мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов, Абхазы минӕвар Елбачиты Алан, экс-президенттӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, афтӕ ма хицауады уӕнгтӕ, депутаттӕ ӕмӕ тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ.
Гуырдзыстон 15 азы размæ куы æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ æмæ фынæй Цхинвалмæ, уæд сæдæгай сабыр цæрджытæ – зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ – ныууагътой сæ хæдзæрттæ æмæ лыгъдысты хæсты цæхæрæй Зары фæндаджы уылты.
Фæлæ гуырдзиаг агрессортæ сфæлхатт кодтой 1992 азы æвирхъау трагеди æмæ æхсын райдыдтой хæдтулгæтæ, кæцытыл цыдысты республикæйы хуымæтæг цæрджытæ.
Фæстæдæр пырх хæдтулгæтæ æрæмбырд кодтой иу бынаты, кæцы ссис "Сыгъд удты музей".
Хуссар Иры ссардтой 2008 азы фæмардуæвæг сабыр цæрджыты рухс нæмттæ