Хуссар Иры ссардтой гуырдзиаг агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сæдæгай адæм ссардтой 2008 азы гуырдзиаг агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ.
Мысæн мадзæлттæ ацыдысты къуырисæры изæры Цхинвалы хъахъхъæнджыты Монументы раз. Хайад дзы райстой президент Гаглойты Алан, уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Хуссар Иры ссардтой гуырдзиаг аргессийы амæттæгты рухс нæмттæ
Республикæйы цæрджытæ хастой дидинджытæ цыртдзæвæнмæ, телевизион экранæй та сæм кастысты Цхинвалы бахъахъхъæнынæн сæ цæрдтæ чи снывонд кодта, уыдон, сæ сывæллæтты фервæзын кæнын чи фæлвæрдта, фæлæ "царды фæндаг" уайтагъд "мæлæты фæндаг" кæмæн ссис, уыдон.
Фыдохы церемонийы ралæууыд президент Гаглойты Алан.
"Алцыдæр цыма знон æрцыд, фæлæ рацыд 15 азы. Æмæ абон махмæ иудзинад куы нæ уа, уæд сараздзыстæм рæдыд", - фехъусын кодта президент.
Хуссар Ирыстонмæ мысæн бонты æрцыдысты 2008 азы августы Цхинвал хъахъхъæнгæйæ цы уæрæсейаг æфсæддонтæ фæмард, уыдоны ныййарджытæ.
Фыдохы митингыл ралæууыд фæмардуæвæг солдат Алексей Ивановы фыд – Сергей Иванов. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмты кæй иу кæны иумæйаг мысæн.
Хуссар Иры ссардтой гуырдзиаг аргессийы амæттæгты рухс нæмттæ
Мадзалы рæстæджы айзæлдысты æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ хæсты тыххæй, 2008 азы августы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зынгхуыст хъайтарты тыххæй.
Фыдохы церемонийы рæстæджы Sputnik Хуссар Ирыстон бавдыста документалон кинонывы премьерæ (цыбыр верси) "Первые на линии огня: война августа 2008 года глазами миротворцев".
Хуссар Иры ссардтой гуырдзиаг аргессийы амæттæгты рухс нæмттæ