ЦХИНВАЛ, 9 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны снысан кодтой цӕрыны минимумы бӕрц 2023 азы II кварталы – 15 091 сомы. Фыццаг кварталы ацы бӕрӕггӕнӕн уыд фылдӕр 101 сомы бӕрц.
Скъуыддзаг рахастӕуыд хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы.
Кусынхъом цӕрджытӕн цӕрыны минимум у 16 149 сомы (I кварталмӕ абаргӕйӕ фӕкъаддӕр 88 сомы), пенсиисджытӕн – 12 278 сомы (фӕкъаддӕр 86 сомы) ӕмӕ сывӕллӕттӕн та – 15 946 (фӕфылдӕр 156 сомы).
Экономикон райрӕзты министр Тадтаты Дзамболат банысан кодта, цӕрыны минимумы бӕрц фӕивта фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕугӕдзинады продуктты сезонон ивындзинӕдты тыххӕй.