Хуссар Иры спортсменты делегаци хайад райста августы хӕстӕн нывонд мадзӕлтты Абхазы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы федерацийы минӕвӕрттӕ хайад райстой Хуссар Ирыстоны августы хӕсты мысӕн мадзӕлтты Абхазы республикӕйы, уыдон архайдтой хӕстон-историон экспедици "Тропой Героев" ӕмӕ траурон акци "Мысӕн цырагъ"-ы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Хуссар Иры спортсменты делегаци хайад райста августы хӕстӕн нывонд мадзӕлтты Абхазы
Хуссар Ирыстоны спортивон делегаци фӕуазӕг ис ӕфсымӕрон республикӕмӕ ӕхсӕнадӕмон турниры хайад исыны нысанӕн.
"Мах ӕрцыдыстӕм Абхазмӕ августы хӕсты мысӕн мадзӕлтты бон. Райста нӕ фысым бӕстӕйы спорты комитеты хистӕр Таращ Хагба. Уый фӕстӕ бабӕрӕг кодтам Кавказӕй бархионты иумӕйаг цырт, сӕ рӕнхъыты уыдысты нӕ хӕстонтӕ дӕр. Мах сӕвӕрдтам дидинтӕ сӕ цыртмӕ", - загъта Джиоты Мириан.
Уый ма банысан кодта, сӕ балц кӕй ӕрхаудта августы хӕсты 15 азмӕ, уымӕ гӕсгӕ хайад истой мысӕн мадзӕлтты.
Хуссар Иры спортсменты делегаци хайад райста августы хӕстӕн нывонд мадзӕлтты Абхазы