Уалдзыгон бон. Хъарм хуры тынтæ сæхи нывæзтой сахары уынгты. Тему æмæ Цæлыкк зылдысты сæхицæн куыст агурæг. Сахары стыр уынджы фæйнæ фарсы магазинтæ зæлдагæй æмæ алыхуызон даритæй æмæрттывд кодтон, æрмæст дзы Тему æмæ Цæлыккыл хæлаф æмæ хæдон хуымæтæджы хъуымацæй дæр хуызæнæн нæ уыдис.
Уынджы астæуты цыдысты алыхуызон æнкъард, бæгънæг æмæ фæлмæст адæм. Уыдон дæр Тему æмæ Цæлыккæй хуыздæр арæзт нæ уыдысты. Мæсты хуызæй кастысты урс хæрдгæ быд пъагæттæм уынджы фæйнæ фарсмæ, фæлæ цыма уыдон уынгæ дæр никæй кодтой, уыйхуызæн сæ фылдæр фæтæнгуыр æмæ лыстæгкъах сылгоймæгты цæнгтыл хæцыдысты, афтæмæй хæрдты кæсгæ цыдысты. Се 'хсæнмæ-᾿хсæнты цыдысты нард, боцкъайы хуызæн, лæгтæ æмæ сæ къуту гуыбынтæй нæ уыдтой сæ развæндаг.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.