ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik, Козаты Диана. Парти "Ныхас"-ы фӕсивӕдон фадыг нывӕнды ауадзын акци, кӕцыйы рӕстӕджы столицӕйы микрорайон "Шанхай"-ы цӕрджытӕн байуардзысты газы ахъуызыд ма руадзыны фӕдыл датчиктӕ, радзырдта Sputnik-ӕн президенты администрацийы фӕсивӕдон политикӕйы куратор Оттаты Андрей.
Уый размӕ микрорайоны бирӕ хатт ахъуызыд газ, уый фӕстиуӕгӕн амардысты адӕм.
"Датчиктӕ сӕвӕрдзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ фатерты. Уыдоны руаджы бӕрӕггонд цӕудзӕн, кӕй ахъуызыд газ", - банысан кодта уый.
Ӕдӕппӕт байуардзысты дыууӕ сӕдӕ датчикы бӕрц. Фидӕны акци адарддӕр уыдзӕн Цхинвалы ӕндӕр районты дӕр.
Ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонгад ӕлхӕд ӕрцыд парти "Ныхас"-ы фӕрӕзтӕй.