Балц Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ: рейсон автобусыл цӕуын проблемӕ цӕмӕн ссис

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕхсӕнадон транспорты рейстӕ Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕфылдӕр кӕнӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр ног автобустӕ ӕлхӕд куы рцӕуой, уӕд. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта автомобилон транспорты фӕткдаруаты хистӕр Багаты Альберт.
Рейсон автобустӕ Зӕрӕмӕджы уадзӕн пуктыл цӕуынц хицӕн линийӕ ӕнӕ радтӕй, уымы гӕсгӕ фылдӕр адӕм сфӕнд кӕнынц ацӕуын ӕхсӕнадон транспортыл, уымӕ гӕсгӕ райсомы автобусмӕ бахауынӕн хъӕуы сӕумӕ райсом ссӕуын вокзалмӕ.
"Цалынмӕ ӕлхӕд ӕрцӕуой ног автобустӕ, уӕдмӕ нӕ бон уӕлӕмхас рейстӕ бакӕнын нӕу. Фӕлӕ ацы фарстыл уынаффӕ цӕуы хицауады ӕмвӕзадыл", - загъта уый.
Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ ӕхсӕнадон траспортыл цӕуыны аргъ у 400 сомы, таксийыл балц иу адӕймайгӕн лӕууы 700 сомы.