Дзауы районы хуытӕ емынӕйӕ нӕ амардысты - ветслужбӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цы хуытӕ ныццагъды сты, уыдон хуызӕгты лабораторион ахуырты нӕ разынд тӕссаг низтӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарийы хайады хистӕр Тедеты Ацӕмӕз.
Июля кӕрон Дзауы районы фосдарыны куыстыл хӕст бинонтӕн амард бирӕ хуытӕ. Хъӕууон хӕдзарады министрад ӕмӕ Югоссельхознадзоры кусджытӕ иумӕ систой мард фосы хӕйттӕ ӕмӕ сӕ арвыстой ахуыр кӕнынмӕ Кропоткинскы ветеринарон лабораторимӕ.
"Райстам дзуапп, цы ӕрмӕг арвыстам, уым не ссардтой, 'нӕдӕр африкӕйаг, нӕдӕр классикон емынӕ", - загъта Тедеты Ацӕмӕз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн республикӕйы нӕй емынӕ. Цалдӕр мӕйы размӕ хъӕууон хӕдзарады министрад ауагътой профилактикон мадзӕлттӕй, цӕмӕй бахизой африкӕйаг емынӕйы фӕзынд ӕмӕ апарахатӕй.