УУМ фæдзæхсы: Хуссар Иры фæбæрзонддæр ис зынгсивæзттæй тæссагдзинады æмвæзад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) фæдзæхсы, æмбæстæгты зынгсивæрзттæй тас кæй у аномалон тæвды тыххæй.

"Хъæдты зынгсивæрзттæй тæссаг рæстæджыты тобæгонд у ахæм архайд: арт кæнын, гом артæй пайда кæнын пикникты рæстæджы, бырон æмæ хусгæрдæг судзын, судзгæ спичкæтæ æмæ тамакотæ æппарын", - хъусын кæны уагдон.

Куыд банысан кодтой уагдоны, афтæмæй арт кæнын гæнæн ис æрмæстдæр сæрмагонд арæзт бынæтты. Уый фæстæ æнæмæнгæй хъæуы ахуыссын кæнын арт, цæмæй дзы зынджытæ ма баззайа.