ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Бархинты фидар архайд фехӕлдта гуырдзиаг ӕфсӕдты нывӕстытӕ, кӕцытӕ 1992 азы августы нывӕндысты бацахсын Абхаз, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы абхазаг коллегӕ Аслан Бжаниямӕ Бархионы боны фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Абхазы дыццӕджы, 15 августы, нысан кӕнынц Бархионы бон. Бӕрӕгбон нывонд у бархионтӕн, кӕцытӕ ӕрцыдысты ӕххуысмӕ абхазаг адӕммӕ 1992-1993 азты Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы.
"Гуырдзиаг националисттӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, Абхазмӕ ӕххуысмӕ кӕй ӕрцӕудзысты бирӕнымӕц бархионтӕ ӕппӕт Цӕгат Кавказӕй. Бархионты къордты ӕххуысӕн уыд ахсджиаг бынат гуырдзиаг ӕфсӕдты нывӕстытӕ фехалыны хъуыддаджы Абхазы территори бацахсыны фӕдыл. Егъау хайбавӕрд ӕфсымӕрон республикӕ бахъахъхъӕныны хъуыддагмӕ бахастой Хуссар Ирыстоны бархионты къордтӕ дӕр. Сӕдӕгай ирӕттӕ хайад райстой абхазаг адӕмы хӕсты сӕ хӕдбардзинады сӕраппонд. Уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цард радтой сӕ абхазаг ӕфсымӕрты тохы рӕстӕджы сӕрибардзинадыл. Ӕнусон кад хъайтартӕн!", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гаглойты Алан бахахх кодта, иумӕйаг тох знаджы ныхмӕ ноджы фылдӕр кӕй сфидар кодта ӕфсымӕрон ирон-абхазаг ахастытӕ, ахъаз уыд ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларадон ӕмархайды райрӕзтӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн.