"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 3.1 хай

Sputnik
Хæдзары аххæрджыты сæрмæ æхсыуалæтæй цыдис мыстыты хыртт-хыртт, цыма уыдон дæр иумæ ныхас кодтой. Чабæ æмæ Цæлыччы ныхас-иу куы фæсабыр, уæд-иу уыдон фæтынгдæр кодтой сæ куыст. Æвæццæгæн, уыдон дæр хатыдтой мæгуыр царды ахæстытæ.
— Цæй ныфсы кой мын кæныс? — сындæггай фæрсы Чабæ Цæлыччы.
— Адæймаг йæ зæрдæ исты хорздзинадыл куы дара, уæд æм ныфс дæр ис, фæлæ йæ цæсты раз сау мигътæ куы лæсой алы бон дæр, адæймаджы фæндæгтæ куы сæхгæной, уæд йæ ныфс дæр стымбылтæ вæййы. Ахæм адæймагмæ цæй ныфс вæййы, уый дæхæдæг æрхъуыды кæн. Куыд бирæ дзурын райдыдтон, мæ цæсты гагуы.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.