Хуссарирыстойнаг джипертæ цæттæ кæнынц ЦКФЗ Кубокы цыппæрæм этапмæ трофи-спринтæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны джипертæ цæттæ кæнынц Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) Кубокы цыппæрæм этапмæ трофи-спринтæй, афтæмæй уыдон сты лидертæ фыццаг æртæ этапы фæстиуджытæм гæсгæ, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг экипажы пилот Лæууойты Сева.
Фыццаг этап уагъд цыд Цæгат Ирыстоны, дыккаг – Ставропольейы, æртыккаг – Кæсæг-Балхъары, цыппæрæм этап тагъд рæстæджы ацæудзæн Дагестаны, ноджы дыууæ та нывæндынц ауадзын Цæцæн æмæ Хъæрæсе-Черкесы. Ерыстæ уагъд цæуынц æрвылаз зымæгæй дарддæр.
Хуссар Ирыстонæй дугъты хайад исы Лæууойты Севайæ дарддæр штурман Гæззаты Олег. Лæууойты Севайы ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд азты экипаж хайад иста категори "Спорт"-ы, ацы аз та рахызтысты иууыл бæрзонддæр категори – "Экстрим"-мæ.
Лæууойты Сева банысан кодта, хуссарирыстойнаг экипажы хæдтулгæйæн кæй нæй аннæ командæты техникон ифтонгад – уыдон сыл хардз кæнынц фæйнæ фондз милуан сомы, хуссарирыстойнаг хайадисджыты бюджет та у 500 мин сомы. Уый фæдыл командæ бакусы йæ джипыл йæхи тыхтæй.
"Мах нæхæдæг цæттæ кæнæм нæ хæдтулгæ, цæмæй йыл фидарæй æууæндæм", - банысан кодта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Экстрим" категорийы хайад исынц иууыл тыхджындæр экипажтæ, фæлæ уæддæр хуссарирыстойнаг джипертæ дарддæр æнтыстджын архайд кæнынц Кубокы этаптыл. Уæлахиздзауы сбæрæг кæндзысты алкæцы этапы фæстиуджытæ банымайыны фæстæ.